Саломэ Зурабишвили АИШ-ы президент инициативæйæ уагъд «Демократийы Саммиты» райста хайад
Украинайы ныхмæ хæст у зæрдылæфтауæн, ома демократитæ мидæгæй хъуамæ уой тыхджын, кæнæ та сын хъуамæ уа иугонд æмбæстагон дзыллæйы фарсдарынад æмæ иугонд æхсæнадæмон аренæйыл æхсæнадæмон барады фидаргонд принциптæ бахъахъхъæнынæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили АИШ-ы президенты инициативæйæ уагъд «Демократийы Саммитыл» дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Уыимæ, Зурабишвилийы дзырдæй, Гуырдзыстоны фæндаг демократийы, европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы æрдæм у стабилондзинады бындур æмæ йын альтернативæ нæй.
«Украинайы ныхмæ хæст æцæг хæст у, демократийы, сæрибардзинады æмæ адæймаджы джелбетты ныхмæ. Уый у ноджы иу зæрдылæфтауæн рагон æмæ дæргъвæтин империалистон амбицитæ кæмæн ис, уыцы æнарæн авторитарон режимты фæстиуджыты фæдыл. Зæрдыл æфтауæн, ома демократитæ мидæгæй хъуамæ уой тыхджын, кæнæ та сын хъуамæ уа иугонд æмбæстагон дзыллæйы фарсхæцын æмæ иугонд æхсæнадæмон аренæйыл æхсæнадæмон барады фидаргонд принциптæ бахъахъхъæннæн», – райхъусын кодта уый.
Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй, уæззау геополитикон уавæры æмæ мидæгон ныттыггонд уавæрмæ нæкæсгæ, Гуырдзыстон сæйраг приоритетты фæдыл прогрессмæ æрцыд. Ацы рæстæджы йæ фидиуæнæй, гуырдзиаг адæм нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыдысты Тбилисы уынгты æмбæстагон барты кæцыфæнды æрдгæй сарæн кæныны ныхмæ рацыдæй æмæ демократон принциптæн иузæрдыгдзинад равдыстæй, кæцы тæлмæн скодта æмæ тæлмæн кæны нæ бæстæйы евроинтегнрацийы фæндагыл.
«Нæ фæндаг демократийы, европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы æрдæм, кæцы нæ конституцийы у фыст, у нæ стабилондзинады бындур æмæ йын альтернативæ нæй. Фæнды мæ фæлхаттæй зæгъын Гуырдзыстоны ноджы тыхджындæр демократийы арæзтады фидар дзырдлæвæрд æмæ равдисон цæттæдзинад, æмкуыст кæнæм нæ алы æхсæнадæмон партнеримæ фылдæр демократон, сабыр æмæ тыхджын дунейы арæзтады, кæцыйы Гуырдзыстон йæ бынат ссардзæн, куыд æууæнкджын партнер афтæ», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.