Саломэ Зурабишвили – Æз схъæлæс кодтон уыцы ног Гуырдзыстонæн, кæцыйы тыххæй куывтой мæ фыдæлтæ, изæры мах иууылдæр уыдзыстæм уæлахиздзаутæ
Саломэ Зурабишвили – Æз схъæлæс кодтон уыцы ног Гуырдзыстонæн, кæцыйы тыххæй куывтой мæ фыдæлтæ, изæры мах иууылдæр уыдзыстæм уæлахиздзаутæ

Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили 67-æм æхсæнадон скъолæйы уæвæг æвзарæнон фадыджы схъæлæс кодта.

Журналисттæн куыд радзырдта, афтæмæй схъæлæс кодта ног Гуырдзыстонæн, кæцыйы тыххæй куывтой йæ фыдæлтæ.

«Фæнды мæ раарфæ кæнон æппæт Гуырдзыстонæн абоны бон, кæцы амондджын бон у. Æз схъæлæс кодтон кæй тыххæй нæ, фæлæ цæй тыххæй, ацы хатт. Æз схъæлæс кодтон ног Гуырдзыстонæн, кæцыйы сæраппонд 22 азы размæ æрцыдтæн ацы бæстæмæ, кæцыйы тыххæй куывтой мæ фыдæлтæ. Æз схъæлæс кодтон уыцы Гуырдзыстонæн, кæцыйæн, уырны мæ, æнæхъæн Гуырдзыстон кувы. Изæры та иууылдæр уыдзыстæм уæлахиздзаутæ. Ничи фæуæлахиз уыдзæн, уымæн æмæ Гуырдзыстон фæуæлахиз уыдзæн» -расидтис Саломэ Зурабишвили.