Саломэ Зурабишвили – æз дæн институт, кæцы у  Гуырдзыстоны цæрджыты минæвар, иумæ  хъуамæ слæууæм æмæ  райхзусын кæнæм, цæмæй нымадмæ нæ исæм ацы  æвзæрстытæ
Саломэ Зурабишвили – æз дæн институт, кæцы у Гуырдзыстоны цæрджыты минæвар, иумæ хъуамæ слæууæм æмæ райхзусын кæнæм, цæмæй нымадмæ нæ исæм ацы æвзæрстытæ

Куыд ацы  паддзахады  иунæг   хæдбар институт афтæ мæ фæнды зæгъын, цæмæй  нымадмæ нæ исын  ацы æвзæрстытæ, сæ банымад  гæнæн нæй, уымæн æмæ, Уæрæсейы  ардæм æрбахызтимæ  зæгъгæ сразы  дæ – раст уый æмбæр у. Зæгъгæ  Гуырдзыстоны  Уæрæсейы  дæлбар бæкынынимæ  сразы  уай, афтæ. Æз  ацы  бæстæмæ  уый  тыххæй  не рцыдтæн, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили   райхъусын  кота.

Зурабишвили  абоны  брифингыл куыд райхъусын кодта  афтæмæй  зæгъгæ, гуырдзиаг адæм  хъуамæ  бахъахъхъæной  сæ æвзæрст.

«Уый тыххæй  нæ  цардысты  мæ  фыдæлтæ.   Уыйимæ нæ бафидаудзыстæм.    Уымæн æмæ æз нæ дæн иу адæймаг, æз дæн институт  кæцы у  Гуырдзыстоны  цæрджыты минæвар, мах  иумæ хъуамæ слæууæм  æмæ райхъусын кæнæм, цæмæй  разы не стæм  ацы  æвзæрстыты фæстиуджытимæ, нæ бафидаудзыстæм Уæрæсейы  ардæм æрбахызтиæ ацы  формæйæ  Гуырдзыстоны.   Мах слæудзыстæм иумæ.  Мемæ  иумæ  сты уыцы партитæ,  кæцытæ тох кодтой европаг  фидæны тыххæй, хартийы  тыххæй.   Фæнды мæ  сом семæ иумæ   19:00  сахатыл  уæ фæхонон Руставелимæ, цæмæй  иумæ зæгъæм,  фехъусын кæнæм Дунейæн, цæмæй не стæм разы  æвзæрстыты  фæстиуджытмæ, хъахъхъæнæм нæ конституцион бар,  хъахъхъæндзыстæм алы  хъæлæсы, фæлæ  сегасдæр сæйраг, нæ фидæны æмæ  уый  фадат, цæмæй    фидæны  бæстæйы  уагъд цæуа  æцæг демократон  æвзæрстытæ», – райхъусын кодта  Зурабишвили.