Саломэ Зурабишвили  æрвылазон  раныхасæй   парламенты 6 марты ралæудзæн
Саломэ Зурабишвили æрвылазон раныхасæй парламенты 6 марты ралæудзæн

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  æрвылазон  раныхасæй   парламенты 6   марты ралæудзæн, – уый фæдыл  бюройы  абоны рабадтыл  вице-спикер, Тамар Чугошвили  райхъусын кодта.

Чугошвили  банысан кодта, цæмæй зæгъгæ   ацы бон æнæхъæнæй  лæвæрд уыдзæн  президентмæ байхъусынмæ æмæ æндæр фарстатæ  каст не рцæудзысты.

«6 марты   Гуырдзыстоны президент  æрвылазон  раныхасæй ралæудзæн. Саломэ Зурабишвили  бæстæйы  уавæры  сегасæй нысаниуæгджындæр  фарстатыл фæуынафæ кæндзæн.   Регламентмæ гæсгæ,  æрмæстдæр ацы  фарста  хъуамæ  уа  боны фæткъы», –   райхъусын кодта Тамар Чугошвили.

Уымæн, цæмйæ  Саломэ Зурабишвилийы  инаугураци  ивгъуыд азы  16-æм декабры   ацыд,   уый тыхыбын баис  афæдзон хыгъдлæвæрд  уыцы  периоды тыххæй  дæр сараза,  бæстæйы  президенты пост Гиорги Маргвелашвили куы ахста.

Цыдæриддæр та  форматмæ æххæссы,  регламентмæ гæсгæйæ,  Президенты раныхасы  фæуды фæстæ,   дзырдæй   ралæууынц   уцы  фракциты  сæрдæрттæ, кæцытæ  не  сты иугонд   фылдæрты кæнæ къаддæрдæрты,  афтæдæр   къаддæртæ  æмæ  фылдæрты   лидертæ.

Уымæй дарддæр ма,   ралæудты  фæстæ, Гуырдзыстоны президентмæ ис бар   хатдзæгон раныхасæй ралæууын.