Саломэ Зурабишвили æмæ Ильхам Алиевы æхсæн телефонон ныхас сырæзт
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили æмæ Азербайджаны президент Ильхам Алиевы æхсæн телефонон ныхас сырæзт. Уый фæдыл информацийы, хъусын кæны Гуырдызстоны президенты пресс-куыст.
Сæ информацийæ, Саломэ Зурабишвили Ильхам Алиевæн ноджы иу хатт загъта бузныг Къахийы районы Алибеглойы хъæуы гуырдзиаг скъола байгом кæныны тыххæй.
Йæхи æрдгæй Ильхам Алиев, ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстонæн Азербайджаны фарсхæцынад, куыд нæ бæстæйы хæлар æмæ стртегион партнер.
Саломэ Зурабишвили Ильхам Алиевæн афтæдæр бузныг загъта Дунейы Базарадон Организацийы Европæйы регионалон офисы къухдариуæггæнæджы æвзарæнон проессы Гуырдызстоны кандидатурæйæн фарс рахæцынæн» – банысангонд у президенты пресс-куысты публикацигонд информацийы.
Саломэ Зурабишвили Азербайджаны президенты Гуырдзыстонмæ официалон визитæй фæхуыдта.