Саломэ Зурабишвили æмæ Германийы бундестагы вице-президент Гуырдзыстоны евроинтеграцийы процессы Германийы æххуысы фарста æркастысты
Гуырдзыстон-Германийы дыууæфарсон ахастыты райрæзт æмæ Гуырдзыстоны евроинтеграцийы процессы, Германийы æрдгæй æххæст фарсхæцын, Украинайы цæугæ хæст æмæ регионы уæвæг уавæр æркастысты абон Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили æмæ Германийы Федерацион республикæйы бундестагы вице-президент Катрин Геринг-Экардт, Орбелианиты галуаны ацæугæ фембæлды.
Гуырдзыстоны евроинтеграцийы процессыл ныхасы рæстæджы, гуырдзыстоны президент нлджы иу хатт бахахх кодта Евроцæдисы æмæ йæ уæнг бæстæты фарсхæцыны нысаниуæг. Президент куыд абнысан кодта афтæмæй, зæгъгæ хъыгаг у, Гуырдзыстон кандидаты статус кæй нæ райста, фæлæ Евроцæдисы æрдгæй Гуырдзыстоны Европаг перспективæйы банымад истрион нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны евроинтеграцийы процессы.
«Германийы Федерацион Республикæйы бундестагы вице-презхидент Еврокомиссийы 12 рекомендацийы сыххæсты процессы Гуырдзыстонæн æххуысмæ цæттæдзинад равдыста.
Фарсытæ фæныхас кодтой Украинайы Уæрæсе цы хæст райдыдта уый фæдыл, Гуырдзыстоны президент банысан кодта, цæмæй Украинайы хæст у стыр трагеди æмæ йын тынг уæззау фæстиуджытæ ис. Уый тас хæссы æнæрмæст Украинайæн, фæлæ ма Европæ æмæ Дунейы сабырдзинадæн.
Президенты фидиуæнæй, Гуырдзыстон нæфæзилгæйæ æххæст кæны Уæрæсейæн фидаргонд æхсæнадæмон санкцитæ. Украинайы цæугæ хæст, Сау Денджызыл Украинаг портты блокадæ, стыр быцæусидты раз слæууын кодта глобалон хæлцадон æдасдзинад.