Саломэ Зурабишвили – Æхсæнадæмон дзыллæйæ курæг дæн, йæ хъусдард раздахæт оккупацигонд Гуырдзыстон территоритыл нæ культурон бындарад хъахъхъæды фарстамæ
Æхсæнадæмон дзыллæйæ курæг дæн, йæ хъусдард раздахæт оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл нæ культурон бындарады хъахъхъæды фарстамæ, – уый фæдыл Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвили фыссы социалон хызаджы.
Саломэ Зурабишвили ракой кодта оккупацигонд Сухумы равдысты залы зынгсирвæзты тыххæй.
«Оккупацигонд Абхазы зынгсирвæзты фæстиуæгæн, Сухумы националон галерейы скуынæг мах алкæй трагеди у. Хъыгдзинад æвдисын уый тыххæй, кæцы куыд де-факто къухдариуæгады, афтæ уырыссаг оккупантты æрдгæй культурон идентондзинад ницæмæ дарыны комкоммæ фæстиуæг у. Сидын æхсæнадæмон дзыллæмæ, йæ хъусдард раздахæт оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл нæ культурон бындарады хъахъхъæды фарстамæ», – фыссы Саломэ Зурабишвили.
Медиайы хъусинагæй, Сухумы сæйраг равдысты залы зынгсирвæзты фæстиуæгæн 4 000-æй фылдæр фæлдисгонд скуынæг ис.