Саломэ Зурабишвили – Æфсымæрты тохы уæлахизгонд нæ вæййы, æмæ æнтыстмæ æрцæуын æрмæстдæр иумæйаг тыхайрхайдæй ис гæнæн
Æфсымæрты æхсæн тохы уæлахизгонд нæ вæййы æмæ æнтыстмæ æрцæуын æрмæст иумæйаг тыхтæй ис гæнæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, Сухумы басастæй 27-æм азысæрмæ гæсгæ райхъусын кодта.
« Рацæугæ азтæ нын дырысæй равдыстой, цæмæй знагæй дарддæр, æфсымæрты æхсæн тохæй уæлахизгонд нæ вæййы æмæ æнтыстмæ æрцæуын гæнæн ис æрмæстдæр иумæйаг тыхтæй. Куыд абхазæгтæ афтæ Гуырдзыстоны алы æндæр æмбæстæгтæ хъуамæ бамбарæм, цæмæй æрмæстдæр иумæйаг æмæ иугонд тыхархайдæй бафæраздзыстæм ивгъуыды хъæдгæмттæн схос кæнын æмæ нæ фидæн фæлтæртæн, рухс фидæны бындур æрвæрын» – банысан кодта президент Сухумы басасты боны тыххæй.
Афтæма абон президенты уынаффæгæнджытæ конфликтты æмæ хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фарстаты Гуырдзыстоны иудзинадæн æмæ хæдбарадæн тохы мард хæцджыты мемориалмæ дидингуытæ бахастой.