Саломэ Зурабишвили - Ацы тырысайы бын лæууы нæ бæстæйы хæдбардзинад, йæ сæрибардзинад æмæ махæн аргъджын цы у уый æппæт
Тырысайы бын лæууы нæ бæстæйы хæдбардзинад, йæ сæрибардзинад æмæ алцыппæт, цыдæриддæр махæн аргъджын у – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Атонелийы резиденцийы райхъусын кодта, цы ран паддзахадон тырысай бонмæ гæсгæ бæрæгбонон мадзал ацыд.
Уыйимæ иумæ ма, президент скъолайы ахуыргæнинæгтæн сфысым кодта æмæ тырысайы нысаниуæгы тыххæй радзырдта. Сæххæст ис паддзахадон гимн, кæцыйы сæххæст кодта хъахъхъæнынады министрады оркестр.
«Фæнды мæ алкæмæн уын раарфæ кæнон паддзахадон тырысайы бон. Ацы бон бæрæгбон уымæй у æмæ фыццаг Орбелианиты галуаны сæрты æрцыд тыгъд паддзахадон тырыса. Уымæй тынг амондджын дæн. Паддзахадон тырыса у иттæг нысаниуæгджын æмæ æз дæн тынг амондджын, уый фæдыл фæсивæдимæ кæй ныхас кæнын уымæй, уымæн æмæ ацы тырыса у фидæны тырыса. Уый у нæ историон тырыса, кæцы паддзахадæн, нацийæн у йæ æппæт историйы æвдисæг. Бирæ тырысаты бын хæцыдысты гуырдзиæгтæ. Æз мæхæдæг схъомыл дæн æртæхуызджын тырысайы бын фæсарæнты, уымæн паддзахадон тырысайы нысаниуæг куы нæ уыдис æмæ мах та бæллыдыстæм, уыцы бонмæ Гуырдзыстонмæ паддзахадон тырыса куы уыдаит. Ацы тырыса у нæ паддзахадон тырыса. Хъуамæ йын скад кæнæм, уымæй кад уыдзæн нæ паддзахадæн дæр. Кæм фæндыдæр уæм фидæны, ацы тырысайы бын, хъуамæ уæхи нæмайат Гуырдзыстоны минæвæрттæй. Уæхи афтæ хъуамæ дарат, ацы тырысамæ куыд æмбæлы афтæ. Ацы тырыса хъаххъæнынц не æфсæддæттæ ам æмæ фæсарæнты дæр, нæ арæнхъахъхъæнджытæ, æмбæстæгтæ, кæцытæ цæрынц оккупацион хаххыл. Уымæн кад кæнынц нæ спортсментæ. Ацы тырысайы бын хæссæм нæ культурæ, кæцы у нæ хæзна æмæ кæцыйыл ауæрдын хъæуы. Ацы тырысайы бын лæууы нæ бæстæйы хæдбардзинад, йæ сæрибардзинад æмæ махæн аргъджын цы у уый æппæт», – баздæхтис Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Орбелианиты галуаны æрымбырдуæвæг ахуыргæнинæгтæм.