Саломэ Зурабишвили -  абон у иудзинады æмæ ацы трагедийæн иумæ бафæразыны   рæстæг
Саломэ Зурабишвили - абон у иудзинады æмæ ацы трагедийæн иумæ бафæразыны рæстæг

Фæнды мæ   равдисын  мæ  арф  хъыгтæ   уыцы  трагедийы  тыххæй, кæцы нæ æрыййæфты  знон æхсæв æмæ абон.  Фæнды мæ  мæсæллытæ  зæгъын фæмардуæвджыты  бинонтæн æмæ   уыцы бинонтимæ иумæ  фæкувон, чидæриддæр нырмадæр æнхъæлмæ кæсы,  цæмæй æрбайсæфтуæвджыты ссардзысты  удæгасæй, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  райхъусын кодта.

Саломэ Зурабишвили  куыд банысан кодта афтæмæй,   ацы  трагеди  у бæстæйæн,  æппæт Гуырдзыстонæн  стыр бæллæх, кæцы катайы баппæрста нæ алы æмбæстагы.

«Мах иу трагедийы алыварс баиу вæййæм  æмæ абон растдæр  уый у  сегасдæр нысаниуæгджын, цæмæй   баиу уæм, цæмæй  нæ алы  фæрæзтæй   баххуыс  уæм уыцы адæймæгтæн, цæмæй   бафæразой   ацы  æнæбафæразгæ периодæн  сæ царды.   Фæнды мæ бузныг зæгъын   алы  уыцы ирвæзынгæнæгæн, алы æмбæстагæн, кæцытæ  бынатыл  алцыппæт сарызтой  цы сæ бон уыдис, цæмæй  стихийы  зонæйы  баззайæг адæймæгты  фервæзын кодтаиккой. Фæнды мæ афтæдæр  зæгъын, цæмæй  мæ  администраци æмæ æз, сæрмагондæй  сидæм солидарондзинад  бынæттон хицауадæн, хицауадæн, алы  уагдонæн, кæцы  уым баст у   процессты. Абон у  иудзинады  рæстæг  æмæ  ацы  трагедийæн  иумæ  бафæразыны  рæстæг.  Уый дæр мæ фæнды  зæгъын, цæмæй  мæ администраци æмæ мæхæдæг,   алы процессмæ  баиу уыдызстæм, кæцыйы  æнæмæнгхъæугæ  уыдзæн    нæ активондзинад. Нæхæдæг дæр фендзыстæм ацы  бонты  куыд ис гæнæн  нæ  ролы æмæ зайбавæрд скæнæм   ацы  трагедийæн абфæразыны  хъуыддаджы», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Гуырдзыстоны президент бузныг  загъта  ирвæзынгæнджытæн   сæ куысты  тыххæй.

«Сæ роль  нæ фæцис æмæ   тынг  зын у ахæм уавæрты кусын. Зонæм, цас сæ бон у  ацы  вазыгджын    аууæлтты  алцыппæт саразын, цæмæй адæймæгты  цард   фервæзын кæной.  Афтæдæр  сын бузныг   зæгъын нæ  партнер бæстæтæн  кæцытæ абон   солидарондзинад равдыстой  нæ  æхсæнадæн æмæ уый  у  афтæдæр   нысаниуæгджын.  Премьерæй  фехъуыстон, цæмæй æндæр бæстæты  æххуыс  нæ нырма нæ хъæуы. Кæд уый бахъæуа, афтæдæр цæттæ дæн, мæ сæрмагонд роль сыххæст кæнон æндæр æмæ æндæр бæстæты лидертимæ  контакт скæнынæн. Мах ацы  стыр трагедийы  рæстæджы   иумæ  стæм  æмæ уыдзыстæм», –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.