Саломэ Зурабишвили -  абон  Европæйы фæзыл дæн  куыд президент нæ фæлæ, куыд  иуæй-иу æмбстаг, кæцыйы уырны цæмæй  Гуырдзыстонæн Европæйæ дарддæр æндæр фидæн нæй
Саломэ Зурабишвили - абон Европæйы фæзыл дæн куыд президент нæ фæлæ, куыд иуæй-иу æмбстаг, кæцыйы уырны цæмæй Гуырдзыстонæн Европæйæ дарддæр æндæр фидæн нæй

Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилийы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  йæ нысан уыд, Европæйы фæзыл абоны æмбырд ма уыдаит партион фембæлдæй.  Зурабишвилийы  дзырдæй, Европæйы фæзыл æрымбырд сты æмбæстæгтæ, кæцыты  фæнды  абон равдисой, цæмæй  Гуырдзыстоны иунæг  перспективæ у  Европæйы.

Саломэ Зурабишвили дзуры, цæмæй  абон  акцимæ рацыд  куыд президент нæ фæлæ, куыд  хуымæтæг  æмбæстаг,  кæцыйы уырны, цæмæй  Гуырдзыстонæн  Европæйæ  дарддæр, æндæр фидæн нæй.

«Ардæм æрбацыдыстæм  афтæ æмæ нæ  цæттæ кодтам, нæ организаци кодтам, мæ нысан æмæ равзæрст уыд  цæмæй ам ма уыдаит ахуыр цæуыл стут уый, кæнæ та  цыдæр  партион   фембæлдтæ.  Ам сты  æмбæстæгтæ, кæцыты  фæндыд, абон равдисын   цæмæй нæ  уырны, Гуырдзыстоны  фидæн, Гуырдзыстоны иунæг перспективæ  ис Европæйы.  Уый равдисын нæ фæндыд  сабырæй нæ кæрæдзийæн.  АМ  нысаниуæгджын у уый, цæмæй  алчи æрбацыд  уæгъдибарæй,  никæмæн ис искæмæй  фылдæр бартæ.  Хæдæгай,  сымахæн гæнæн ис  фылдæр ныаниуæгджын дæр уа,  цæмæй хуымæтæг  æмбæстæгты  бафæрсат, цæмæн æрбацыдысты ардæм  æмæ  уый цæмæй  ай у   сæ равдыст   æмæ нæу  мæхи.  Æз дæн иуæй-иу  хуымæтæг æмбæстаг, ам нæ дæн президент. Арæх   куы иу, куы та  иннæ  фарсы æрбайрох вæййы, цæмæй   преиздент дæн кæнæ та сæ нæ  фæнды,  басæттын  президент куы дæн ууыл  æмæ   абон та  ам  нæ  дæн президент – æз дæн   иу æмбæстаг, кæцыйæн йæ зæрдæ риссы  бæстæйыл  æмæ   кæцыйы уырны,  цæмæй аы бæстæйæн  æндæр фидæн нæй. Цалынмæ  мæ бон уыдзæн, кæм дæн уыцы  бынатæй  æмæ дарддæр  кæд бахъæуа  уæд  æндæр ранæй дæр, алцыппæт сараздзынæн, цæмæй  ацы перспективæ сыххæст уа  уæ хъæбулты  тыххæй» –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Европæйы фæзыл  уыдысты  Евроцæдисы, АИШ-ы, Францы, Лиетувæйы, эстонийы æмæ  болгарийы  минæвæрттæ дæр.

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  14 июны  ацæугæ брифнгыл  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, партитæм æмæ хицауады минæвæрттæ æрсидтис Европæйы фæзымæ рацæуынмæ.

Президент  æмбæстæгтæм сидтис, 16 июны  иумæ равдисын Европæйæн цæмæй Гуырдзыстоны  хъæуы  Европæ.