Саломэ Зурабишвили - 20 азы размæ 11 сентябры трагеди арвы цæфау уыд дунейæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили 2001 11 сентябры АИШ-ы æрцæугæ теракты 20 азы сæры кой кæны.
«20 азы размæ 11 сентябры трагеди арвы цæфау уыд дунейæн. 20 азы размæ æхсæнадæмон дзыллæ æдасдзинадæн тохы нысанæн иумæ слæууыд. Гуырдзыстон йæ хайбавæрд ракодта æмæ нырма дæр дарддæр кæны. Фыддзинадæн глобалон дзуапп, нæ дуджы уыд солидарондзинад, урок, кæцы ма хъуамæ рох кæнæм» – фыссы Зурабишвили «Твиттеры».