Саломэ Зурабишвили – 12 пунктыл кусын хъуамæ райдайæт Брюсселы дæр æмæ ноджы æнхъæлмæ кæсын, уырдæм хицауады минæвæртты визитмæ
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ европарламентариты делегацийы визит бæстæйæн историон моменты иттæг нысаниуæгджын у.
Афтæма йæ дзырдæй, европарламентаритæ Гуырдзыстоны сты регионон визиты фæлгæтты, кæцы афтæдæр хахх кæны регионы геополитикон нысаниуæг абоны уавæры.
Уыимæ Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй, зæгъгæ бæстæйæн европаг перспективæ раттын у размæ арызт къахдзæф æмæ иннæрдгæй, гæнæн ис æввахс фидæнæн бирæ нысаниуæгджындæр у уыцы фидиуæн, ома Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн кандидаты статус, кæд рекомендацитæ сыххæст кæна уæд.
Саломэ Зурабишвилийы фидиуæнæй, æнæмæнгхæъугæ у активонæй райдайæт кусын Европаг советы рекомендацитыл.
«Ацы куыст хъуамæ райдайæт нырма Брюсселы, цы ран æз нырма æнхъæлмæ кæсын, цæмæй ардгæй хъуамæ ацæуæд хицауады минæвæрттæ, цæмæй комиссиимæ сбæрæг кæной хицæн деталтæ æмæ куыд сыххæст уа ацы пунктты кæцыдæр хай. Куыст хъуамæ райдайæт парламенты æмæ уый тыххæй бафыстон къух куырдиатыл, цæмæй хуынд уа сæрдыгон сесси, уымæн æмæ нын 6 мæй куы ис, уæд бынтон зынæмбарæн у, æмæ æвæццæгæн нæ хæлар европарламентариæ нæдæр бамбардзысты, кусын ацытæккæ куы нæ райдайæм уый. Ноджы иу хатт, хахх кæнын уый, цæмæй иумæ кусын нысан кæны парламенты, сессийы формæйæ, комитетты, кæнæ та пленарон рабадтыл, афтæма хицауады, фылдæрты бавдыст кусæн къордты. Æрмæст куыст, иуæймаг куыст, уыдæттыл дауу кæнын кæцы фарстаты разы стæм нæ кæрæдзиимæ æмæ кæцыты та нæ, хицæнтæй афтæ гæнæн нæй æмæ уый æмбары алчи. Ам ис стыр бæрн, фыццаджы дæр ацы цауы фылдæрты, уымæн æмæ алы мæцъистæ, сты фылдæрты къухты, парламенты æви хицауады, сæ къухты ис кандидатурæйы æнтыстмæ æрцыд. Афтæма, уымæн хъæуы конструкцион оппозици, кæцы алцæуыл нæ райдайдзæн оппозиционердзинад», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Уый нæрайсгæйæ схуыдта Гуырдзыстоны парламенты уæнгты æрдгæй Европарламентариты æрдæм арызт æнæконструктивон фидиуæнтæ.
«Сидын хицауадмæ, ис цыдæртæ цæуыл дзурын гæнæн нæй, ис кæцыдæр аххосæгтæ, дæнцæн, уый фæдыл ома евроцæдис махæй æнъхæл у дыккаг фронты бакæнын æмæ хæстмæ, уыдæттæ сты нæрайсгæ. Нæй гæнæн ацы уавæрты райдайæм исты формæйæ диалог уыцы адæймæгтимæ, кæцытæ ардæм æрцæуынц, цæмæй нын алы амæлттæй равдисой фарсхæцын ахæм махæн тынг вазыгджын процессы, кæцы нæ бакæндзæн кандидаты статусы онг», – райхъусын кодта Саломэ зурабишвили европарламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Девид Маккалистеримæ иумæймаг пресс-конференцийыл.