Саломэ Зурабишили – махæй ничи домы ахæм мадзæлттæ, кæцыты тыххæй бæстæмæ тас бартхъирæн кæндзæн, фæлæ махæй æнхъæл солидарондзинады æнхъæл сты, фæнды мæ алчи йæ зæрдыл дарæт, Гуырдзыстон æмæ Украина сты уыцы бæстæт, кæцытæ сом уыдзысты Европæйы хай

Махæй   ничи домы  цавæрдæр мадзæлттæ, кæцы  бæстæйы  слæууын кæндзæн тасы раз, фæлæ  махæй солидарондзинады æнхъæл сты – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  видеосидты рæстæджы  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон  Украинаимæ солидарон у, кæцыйы  Паризы æмæ Брюсселы  ноджы иу хатт айзæлын кæндзæн.

«Гуырдзыстоны намыс кæддæриддæр уыдис историонæй æмæ  абон дæр, цæмæй  нæ принципты иузæрдион уыдыстæм æмæ лæууыдыстæм, Гуырдзыстон  кæм хъуамæ уыдаит уым.  Махæй ничи æнхъæлмæ кæсы  цавæрдæр мадзæлттæм, кæцы  бæстæйы  слæууын кæндзæн тасы раз, фæлæ  махæй солидарондзинады æнхъæл сты –  сымах дæр æнхъæл стут, æз дæр æмæ   уый тыххæй æрцыдтæн ардæм, абьон Паризмæ, сом Брюссельмæ, цæмæй равдисон   гуырдзиаг солидарондзинад  Украинаимæ, уыцы  рæстæджы  Европæ  æмуд куы у.  Мах дæр ацы  иудзинады  хай хъуамæ суæм. Абон гом кæны рудзынг, кæцыйы  европæгтæ  цæттæ сты, æндæргъуызонæй æркæсын  Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы фидæн.  Ам хъуамæ лæууæм  æмæ мæ фæнды  алчи йæ зæрдыл дарæт, цæмæй  Гуырдзыстон, куыд Украина  у  уыыцы бæстæтæй сæ иу,  кæцытæ  райсом  уыдзысты Европæйы хай, уыцы  Европæйы, кæцы равдыста  джелбетт, иудзинадæй, активон фарсхæцынæй  Украинйæн.  Алчи стæм арфæгæнæг Ураинайæн, кæцы нæ  сæрибардзинадæн  тох кæны  æмæ   мах нæ фæнды, цæмæй Гуырдзыстоны æндæр ныв   зына  æхсæнадæмон аренæйыл.  Мах стæм уыцы бæстæ, кæцы историонæй  уыдис йæ принципты иузæрдион» –  райхъусын кодта Зурабишвили.