Саломе Зурабишвили -сидын æрыгонтæм, иуварс ацæут парламенты дуарæй, уым ницыуал цæуы
Саломе Зурабишвили -сидын æрыгонтæм, иуварс ацæут парламенты дуарæй, уым ницыуал цæуы

Саломе Зурабишвили -сидын æрыгонтæм, иуварс ацæут парламенты дуарæй, уым ницыуал цæуы

Уый фæдыл Гуырдзыстоны президент расидтис.

Зурабишвилийы ныхасмæ гæсгæ, «тох хизы æвзæрстытыл æмæ алы уыцы законы санулирыл, кæцытæ мах дард кæнынц европон фæндагæй».

«Мæ цæст дарын президенты галуанæй æмæ уæ фарсмæ лæууын. Æнæхъæн дуне махмæ кæсы æмæ абон арæзт расидæнтæ  æвдисынц Гуырдзыстоны адæмы ахаст æмæ нысан. Уый у стыр тых, цæмæ мах фæуæлахиз уæм уыцы даргърæстæгон тохы, кæцы æвзæрстытыл фæуыдзæн, цæмæй Гуырдзыстон нæ уыдзæн Уæрæсе.

Фæнды мæ афтæ дæр басидон æрыгонтæм, кæцытæ абон сæрмагонд энерги дæттынц махæн. Фæнды мæ басидон уыдонмæ, цыдæр архайдтытæ не сты хъæугæ, иуварс ахизут парламенты дуарæй, уым ницыуал ис, закон ист у дыгкаг байхъуыстæй. Тох хизы æвзæрстытыл æмæ алы уыцы законы санулирыл, кæцытæ мах дард кæнынц европон фæндагæй» -сиды президент.