Саломе Зурабишвили – нæй гæнæн ферох кæнæм Ингуры хиды иннæ фаср цæрæг нæ æмбæстæгты, абон дихгонд стæм фæлæ стæм иумæ æмæ хъуамæ раарфæ кæнæм кæрæдзийæн
Саломе Зурабишвили – нæй гæнæн ферох кæнæм Ингуры хиды иннæ фаср цæрæг нæ æмбæстæгты, абон дихгонд стæм фæлæ стæм иумæ æмæ хъуамæ раарфæ кæнæм кæрæдзийæн
Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили сабитæн «Президенты назбæлас» Зугдиды сфысым кодта.
Саломе Зурабишвили бæрæгбонон мадзалы Гига Отхозориайы сабитимæ иумæ æмæ 87 аздзыд иууæндæс сыввæлоны хицау сылгоймагимæ иумæ бацыд.
«Нæй гæнæн ферох кæнæм Ингуры хиды иннæ фаср цæрæг нæ æмбæстæгты, абон дихгонд стæм фæлæ стæм иумæ æмæ хъуамæ раарфæ кæнæм кæрæдзийæн» – раисдтис Гуырдзыстоны президент.
Саломе Зурабишвили – мæ фæндон у, цæмæй æввахс фидæны Ингуры хид иумæйаг æмæ иугонд суа
Гуырдзыстоны президент Саломе зурабишвили Зугдиды районы, конфликты зонамæ ввахс уæвæг Рухы арæн ауадзгæ пунктыл мидхъуыдтгæты министрады бæрнонты бабæрæг кодта. Уый фæдыл информаци президенты пресс-центр парахат кæны.
Президент мидхъуыдтæгты министрады бæрнонтæн ног аз æмæ цыппурсы стыр бæрæгбон раарфæ кодта æмæ сын бузныг расидтис сæ лæггадæн.
«Мæ фæндон у, цæмæй æввахс фидæны Ингуры хид иумæйаг æмæ иугонд суа» – банысан кодта президент.