Саломе Зурабишвили -хорз куы ахъуыды кæнæм, окупиргонд териториты фарстайы аскъуыддзагы фæндаг регионыл хизы
Саломе Зурабишвили – хорз куы ахъуыды кæнæм, окупиргонд териториты фарстайы аскъуыддзагы фæндаг регионыл хизы
Уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили Цъхъалтубойы, форумыл номхуындæй «Регионалон экономикæ – тыхджын муниципалитеттæ, децентрализацийы реформæйы контексты» -расидтис.
Ныхасæй рацыды рæстæджы, президент бæстæйы фидæнæн регионы размæцыды нысаниуæгдзинадыл сцырын кодта хъусдард.
«Нысаниуæгджын конфернци цæуы уагъд Цъхъалтубойы, уыцы бынатыл, кæм хорз зыны цы потенциал ис æмæ цас у пайдагонд. Мах лæууæм сызгъæриныл æмæ нырма нæ зонæм, куыд дзы спайда кæнæм. Регионтыл ис вæрд бæстæйы фидæн. Хорз куы ахъуыды кæнæм, окупиргонд териториты фарстайы аскъуыддзагы фæндаг регионыл хизы», -расидтис Саломе Зурабишвили.
Гуырдзыстоны президенты ныхасмæ гæсгæ, регионыл размæцыдыл у баст эмиграцийы проблемайы фæурæд дæр.
Цхъалтубойы парламенты регионалон æмæ хæдуынаффæйы комитеты организгонд фембæлды Гуырдзыстоны президент, премьер-министр, хицауады администрацийы регионалон хицаудзинады куысты къухдариуæг æмæ закьонгæнæг хицауады бæрнонтæ истой хайад.