Саломе Зурабишвили -Гуырдзыстоны стыр аргъ кæны Францимæ партнерон æмахастытæн
Саломе Зурабишвили -Гуырдзыстоны стыр аргъ кæны Францимæ партнерон æмахастытæн
Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили Батумы Францы националон æфсæдтон -патрулон нау “Командан биро” ныццыд, кæцы Батуммæ, хихъахъæнады сферайы францаг-гуырдзийаг æмкуыстдзинады фæлгæтты æрцыд.
Гуырдзыстоны президент нау бабæрæг кодта, æмæ бæрæгбонон райстмæ æрхуынд уазджытæм ныхасæй басидтис.
“Батуммæ Францы науы æрбацыд тынг нысаниуæгджын у æмæ æвдисы уый, цы нысан ис Сау денджызæн нæ партнер бæстæтæн. Батуммæ цæуынц афтæ дæр Нато-йы уæнг бæстæты наутæ дæр, се æхсæн туркаг, италийаг, голландийаг æмæ америкаг наутæ. Сау денджызы æдасдзинад нысаниуæгджын у æрмæст Гуырдзыстонæн нæ , фæлæ ма уыцы бæстæтæн дæр, кæцытæ Сау денджызы былыл сты, банысанкæнинаг у уый дæр æмæ глобалон фарста НАТО-йы иуæй иу приоритетон у.
Гуырдзыстон æмæ Францæн æввахс æмахастытæ ис.Абоны бон ноджы иу хатт æвдисы уыцы факт æмæ нæ визит Францмæ. Францимæ æмахастытæ Гуырдзыстонæн тынг нысаниуæгджын сты” -расидтис Гуырдзыстоны президент.