Саломе Зурабишвили гуырдзийаг æфсадмæ сиды
Президентон кандидат Саломе Зурабишвили Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæн Джеоргоба арфæ кæны æмæ æфсадмæ сиды.
Президентон кандидаты расидæны гуырдзийаг æфсæдæтты хъайтардзинадыл ныхас кæны æмæ нысан кæны, цæмæй уыдон хæссын нысаниуæгджын хай бæстæйы хæдбардзинады.
Саломе Зурабишвили сиды, цæмæй æфсады политикон нейтралитеты хъахъæд хицауадон хæс у. Йæ ныхасмæ гæсгæ хъуамæ сног уа бæстæйы хихъахъæнады концепци æмæ фæтыхджын уа æфсæдтоны статус æхсæнады, афтæ дæр хъуамæ сырæза аккаг уавæртæ ветерантæн.
« Æфсад хæссы нысаниуæгджын хай бæстæйы хæдбардзинады.
Æфсады политикон нейтралитеты хъахъæд хицауадон хæс у. Хъуамæ сног уа бæстæйы хихъахъæнады концепци æмæ фæтыхджын уа æфсæдтоны статус æхсæнады, афтæ дæр хъуамæ сырæза аккаг уавæртæ ветерантæн. Æз, куыд фидæн гæрзифтонг тыхты сæрдар Гуырдзыстоны Конституцийæ лæвæрд барты фæлгæтты уыдзæн Гуырдзытсоны хихъахъæнады интересты ауадзæг æмæ хъахъæнæг æмæ алы æппæт сараздзæн Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхты фæтыхджынæн. Ноджы иу хатт уын арфæ кæнгын Джеоргоба» -раисдтис Саломе Зурабишвили.