Саломе Зурабишвили Европайы советы парламентон ассамблеайыл ныхасæй рацæудзæн
Саломе Зурабишвили Европайы советы парламентон ассамблеайыл ныхасæй рацæудзæн
Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили Европайы советы парламентон ассамблеайыл ныхасæй рацæудзæн. Евросоветы æрхуындæй, Гуырдзыстоны президент, куыд евросоветы министрты кабинеты сæрдар бæстæйы сæрдар, Европайы советы парламентон ассамблеайыл ныхасæй рацыды фæстæ та парламентон ассамблеайы депутатты фарстатыл раддзæн дзуапп.
Гуырдзыстоны президенты пресс-центры информацийæ, планонд у Гуырдызстоны президенты фембæлдтæ евросоветы бæрзонд гæстимæ.
Страсбургы куыстон визиты фæлгæтты, Саломе Зурабишвили Холокосты аммæтæгты æппæтдунеон бонмæ гæсгæ мадзалы райсдзæн хайад æмæ ныхасæй рацæудзæн. Европайы галуаны, афтæ дæр планонд у гуырдзийаг культурайы, истори, фольклор æмæ этнографийы фæдыл президенты ныхасæй рацæуын.
Боны кæрон та Гуырдызстоны президенты номæй райст сырæздзæн, кæцыйы уыдзæн æвдыст гуырдзийаг дизайнер Кети Чхикъвадзейы коллекцийы .