Саломе Зурабишвили, æвзæрстыты агъоммæ, социалон хызагы видеосидт парахат кæны
Саломе Зурабишвили, æвзæрстыты агъоммæ, социалон хызагы видеосидт парахат кæны

Гуырдзыстоны президент, Саломе Зурабишвили, æвзæрстыты агъоммæ, социалон хызагы видеосидт парахат кæны.

Саломэ Зурабишвили цæрджытæм сиды æвзæрстытæм æрбацæуынмæ  æмæ банысан кодта, цæмæй сомбоны  Гуырдзыстон цавæр уыдзæн, уый адæмы скуыддзагыл у баст.

«Ме ‘мзæххонтæ, фыццаджыдæр мæ фæнды стыр бузныг зæгъын уе ‘ппæтæн дæр. Бузныг, абон кæмдæр рады чи лæууы, цæмæй йæ регионмæ ацæуа æмæ уырдыгæй схъæлæс кæна, уымæн æмæ уым фыст сты. Цыфæнды зын ма уа, транспорт нæ уа, кæнæ бирæ рæстæг ахæсса, дард фæндаг у, уæддæр ацæут æмæ уырдыгæй схъæлæс кæнут Гуырдзыстонæн. Фæнды мæ бузныг зæгъын нæ æмзæххонтæн, кæцытæ сты диаспорæйы, эмиграцийы. Уыдон дæр тох кодтой, тох кæнынц, цæмæй сын уа бар, цæмæй сæ хъæлæс хъуыса, æмæ сæ хъæлæс райсом дæр хъуысдзæн. Уый тынг ахсджиаг у.

Фæнды мæ сæрмагондæй басидтæн æмæ бузныг зæгъон уыдонæн, кæцытæ тох кодтой Израилы ацы тынг уæззау рæстæджы, цæмæй уым дæр байгом уа æвзарæнон хай. Кæмдæр æвзарæн фадыг байгом кæнын нæ бантыст, кæмдæр сымах фæцух кодтат æвзарæнон фадыг, кæмдæр уæ бартæ хæлд æрцыдысты, сымахæй æвзарæн фадгуытæй дард чи цæры, уыдон, фæлæ мæ зæрдæ дарын, цæмæй æппæт уыдæттæ скъуыддзаг æрцæудзысты.

Фæнды мæ развæлгъау бузныг зæгъын уыцы фæсивæдæн, кæцытæ афтæ мобилизацигонд сты, уыдон ныридæгæн абон фенæн ис æмæ райсом алы районы дæр уыдзысты. Сæ равзæрст партийæн схъæлæс кæндзысты сæ царды фыццаг хатт. Ам сæйрагдæр уый у, æмæ алчидæр йæ хъуыды, йæ фæндон æмæ йæ фæндонмæ гæсгæ æвзары. Тыхæй дæ ничи бакæндзæн, кæй тыххæй схъæлæс кодтай, уый ничи фендзæн. Æмæ дæ райсом уый тыххæй ничи бафхæрдзæн. Дыууæрдыгæй дæр нæ уыдзæн реванш. Уый у мæ зæрдæвæрд, куыд æппæты Президент. Ацу æвзæрстытæм, мацæмæй тæрс. Ацы бæстæйы фидæн хъуамæ æвзæрст æрцæуа уæ хъæлæсæй. Хæдзары мачи баззайæд. Сымахæй аразгæ у, цавæр уыдзæн сомбоны Гуырдзыстон». – расидтис Саломэ Зурабишвили.