Сакстаты информацийæ, Тбилисы æнæзмæлгæ мулкъ  фæзынаргъ ис
Сакстаты информацийæ, Тбилисы æнæзмæлгæ мулкъ фæзынаргъ ис

Статистикæйы  националон  куысты   информацийæ,  2022 азы  цыппæрæм кварталы,  раззаг  кварталтимæ  абаргæйæ,   цæрæн æнæзмæлгæ  мулкъы  æргъты индекс  5.5 процентæй сырæзт, æрмæст индексы  афæдзон  рæзт  14.3 % бæрц  у. 2020 азы  æхсæйнагимæ абаргæйæ,    индекс  24.0 %-æй  сырæзт .

Сакстаты   æмбарынæгæнмæ  гæсгæйæ, цæрæн æнæзмæлгæ  мулкъы  æргъты индекс æххæсы  Тбилис æмæ æрмæстдæр ног   цæрæн  æнæзмæлгæ  мулкъы базармæ, куыд бирæуæладзыгон  хæдзæртты, афтæ  хицæн  секторы  хæдзæртты сегментмæ.

Сакстаты  хъусинагæй, 2022  азы  цыппæрæм кварталы,  раззаг кварталтимæ  абаргæйæ,  æргъты  3.8 процентон  рæзт сфиксир ис  куыд цæрæн  фатерты   сегменты, афтæ  8.9 %-он  рæзт хицæн хæдзæртты сегменты.

2021  азы  дыккаг  кварталимæ абаргæйæ,   æргъты рæзт сфиксир ис  афтæдæр   дыууæ дæр  сегменты: фатертыл – 12,5%,  хицæн хæдзæрттыл  18.0%-æй.

Ногарызт фатерты  сегменты  Тбилисы  сыхтæм  гæсгæйæ,  квадратон   метры  æргътæ  афтæ  адих сты: Мтацъминда – 4,941 лари; Ваке – 4 204  лари; Сабуртало –  3 333 лари; Чугъурети – 3 212  лари, Кърцъаниси – 3 118 лари; Дидубе –  2 881 лари; Надзаладеви – 2 824 лари; Глдани – 2698  лари;  Самгори – 2 630 лари.