Сакпатент – 2023 азы  глобалон инновацийы индексы  рейтингы Гуырдзыстон  фараст позицийæ размæ рацыд
Сакпатент – 2023 азы глобалон инновацийы индексы рейтингы Гуырдзыстон фараст позицийæ размæ рацыд

Интеллектуалон  исады  Дунейы  организаци  (WIPO) публикаци скодта  2023  азы  глобалон   инновациты индексы рейтинг, кæцыйы Гуырдзыстон  фаронимæ абаргæйæ   фаратс позицийæ   рацыд размæ  æмæ 132 бæстæйы æхсæн 65-æм бынатыл  ис.

Сакпетенты информацийæ, инновациты глобалон индекс (GII) аргъ скæны 132  бæстæйæн   сæ инновацион фадæттæм гæсгæйæ.

«Глобалон инновациты индексы 2023  азы  Гуырдзыстоны фæстиуæг æвдисы  конкретон сферæты экономикон  æмæ  инноввацион   райрæзты  цæстæнгасæй  бæстæйы  æнтыст, кæцы  бæрæг у  æндæр æмæ æндæр компоненты  баллтæ  фæхуыздæрæй», –  банысангонд  у  информацийы.

Афтæма дзырдæуы, цæмæй бæстæ   ацы  аз авд сæйраг компонентæй   æхсæзы  бæрæггæнæнтæй рахатинагæй фæхуыздæр кодта.

«Сæ нымæцы  ахæм æрдæмадтæ, цахæмдæр сты  институттæ/институцион арæзт, бизнес æрдз, адæймагон капитал,  зонынады  æмæ технологитыл бындурæвæрд  продукттæ,  сфæлдыстатон/креативон продукттæ æмæ инфратсруктурæ.  Глобалон  инновациты индекс (GII) у  дунейы  экономикæйы инновацион  фадæтты  æмæ фæстиуджыты рейтинг.  Глобалон  инновациты индекс GII аргъ скæны   дуней экономикæтæн  сæ  инновацион   фадæттæм гæсгæйæ. Уый рабæрæг кæны   дунейы  сеппæтæй инновацион  экономикæты бæстæты иновацион   куысты  эффективондзинады анализы  бындурыл, афтæма срухс кæны  инновациты  фидар æмæ  лæмæгъ  фарсытæ», –   банысангонд у информацийы.