Саирмэйы компани «Саирмэ минерал Уотерсы» кусджытæ куыстурæд расидтысты
Саирмэйы компани «Саирмэ минерал Уотерсы» кусджытæ куыстурæд расидтысты. Уыдон мыздты 30 процентиæй фæуæлдай кæнын æмæ куысты æдас уавæртæ домынц.
Кусджыты информацийæ, кондады антисанитари ис, мыздтæ та боны мидæг æрмæст 44 ларийы бæрц сты. Кондады кусджыты куыстурæдмæ аграрон хæдзарады, базарады æмæ амалиуæгады проффцæдис «Лабор» баиу ис.
Профцæдисы сæрдар Гиорги Диасамидзейы дзырдæй, куыстурæд уæдмæ адарддæр уыдзæн, цалынмæ æркуырдтæ нæ сыххæст уыдзысты. Кондады кусы 30 адæймаг.
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал компанийы администрацимæ адзырдта, кæцæй дæр йын фехуъсын кодтой, комментари сараздзысты боны дыккаг æрдæджы.