Сæны  Националон   агентады   минæвар, Точиношинæн  специалонæй  конд  сæн балæвар кодта
Сæны Националон агентады минæвар, Точиношинæн специалонæй конд сæн балæвар кодта

Японимæ кусæн визиты фæлгæтты, сæны националон   агентады   сæрдары  уынаффæгæнæг   Давид Тъхъемаладзе æмæ ассоциаци «Картули Гъвино»-ы  æххæстгæнæг  директор  Тина  Къезели, æнтыстджынæй ерысгæнæг  гуырдзиаг сумоисттæн, Леван Горгадзе (Точиношинимæ)  æмæ Теймураз  Джугъели(Гагамаруимæ) фемюæлдысты.

Фембæлдыл уыд  Японийы  Гуырдзыстоны æххæстбарджын æмæ сæрмагонд минæвар  Леван Цинцадзе.

2018 азы, сумойы историйы фыццаг  хатт,   гуырдзиаг спортсмен  Леван Горгадзе,  афтæдæр номдзыд Точиношины номæй,  императоры кубок  рамбылдта.

Сæны националон  агентады  сæрдары  уынаффæгæнæг,  Давит Тъхъемаладзе, Гуырдзыстоны  сæны   националон агентадæй   лæварæй,  Леван Горгадзейæн  фондзлитры бæрцуаты   авг, специалонæй  уæлахиздзинады  банысан кæнынæн  конд  Саперави  адæтта.

Визиты фæлгæтты, Давит Тъхъемаладзе  æмæ Тинатин  Къезели,  Гуырдзыстоны   Японийы дипломативон миссийы минæвæрттимæ  иумæ,   равдысты тыгъдады  «Terrada Warehouse», Токиойы националон   «Уэнойы»  музейы  æмæ   афтæдæр  «Незуйы»  музейы  минæвæрттимæ фембæлдысты.

Фембæлдыл  фæрстæ  Токиойы  гуырлдзиаг сæны  равдысты  фарстытæ æркастысты.

2018 азы, Японийы, Бынæттон  равдысты  тыгъдадыл  адаптиргонд   равдыст «Гуырдзыстон – сæны авдæн»  ацæудзæн.  Фæнысангонд равдыст Францы, Бордойы  сæны цивилизацийы  центры  «Cité des Civilisations Du Vin»  2017 азы  цыппар мæйы  дæргъы  цыдис, кæцыйыл  гуырдзиаг экспозицийы  феныны  фадат,  дæсгай мин  визиторæн уыд.