Сæны националон агентады æххуысæй, АИШ-ы уагъд æрцыд гуырдзиаг сæны дегустаци
Сæны националон агентады æххуысæй, АИШ-ы уагъд æрцыд гуырдзиаг сæны дегустаци

TEXSOM-ы сомельерты конференцийы фæлгæтты, Ирвинг, Техасы, АИШ-ы гуырдзиаг сæны масштабон дегустаци сырæзт. Уый фæдыл информаци сæны националон агентад дæтты.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, мадзалы гуырдзиаг сæны презентацийы фарсылхæцындзинад æххæст кодта националон сæны агентад æмæ йæ организаци кодта америкаг маркетингон компани Colangelo & Partners, агентады подрядон организаци. Дегустацийыл æндæр æмæ æндæр номимæ гуырдзиаг сæны 70 бæрц бавдыстой.
Техасы сомельеты конференци TEXSOM арæзт æрцыд 2005 азы, цæмæй бынæттон сомельеты профессионалон стандарттæ æмæ ахуырад фæбæрзонддæр кæна. Фæстæдæр конференци рауад сæны къабазы ​​ахсджиагдæр дунеон мадзæлттæй иу. 2014 азæй фæстæмæ конференцимæ бафтыдтой æрвылазон æхсæнадæмон сæны конкурс, кæцыйы жюрийы сконды сты дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты сæны профессионалтæ æмæ сомельетæ.