Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты  тагъд-тагъд  снысан кæнын, Шарль Мишель сæфт  фадатыл  нымайы
Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты тагъд-тагъд снысан кæнын, Шарль Мишель сæфт фадатыл нымайы

Европаг Советы  президенты, Шарль Мишелы  фидиуæнæй,  зæгъгæ тæрхонон реформæ  у 19 апрелы  бадзырды  сæйраг  хай  æмæ  Гуырдзыстонæн Евроцæдисы макрофинансон  æххуыс рауæлдай кæныны домæн.

Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  Сæйраг тæрхондоны  тæрхонгæнджыты тагъд-тагъд  снысан не вдисы  æхсæнадæмон æмæ мид актортимæ  консультациты фæстиуджытæ.

Уыйимæ иумæ, Шарль Мишелы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   Батумы  абон  уагъд алы  фембæлдыл  бахахх ис  Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастыты  уыцы  централон роль, кæцы ис  фундаментон бартæн æмæ  сæрибардзинæдтæн.

«Къаддæрдæрты  бартæ нæй гæнæн ницæйагыл банымайын.  Бирæгъуызондзинады æмæ  адæймаджы  намысæн цыт  у иттæг ахсджиаг нæ фундаментон   аргъдзинæдтæн æмæ   медийы  сæрибардзинады,  дзырды сæрибары,  конституцион бартæ,  хъахъхъæд хъуамæ  уа», – загъта Европаг Советы президент.