Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм равзæрсты фарстамæ гæсгæ абон парламенты адæмон барты хъахъхъæнæгмæ бахъусдзысты
Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм равзæрсты фарстамæ гæсгæ абон парламенты адæмон барты хъахъхъæнæг Нино Ломджариамæ байхъусдзысты.
Закъондæттæн органмæ бацæуын Ломджариа йæхæдæг æркуырдта æмæ парламентмæ официалон фыстæгæй дæр басидтис.
Парламентон фылдæрты уæнг Анри Оханашвили куыд райхъусын кодта, афтæмæй, закъонопроектæн хъæлæскæнынад адæмон барты хъахъхъæнæгмæ байхъуысты фæстæ сырæздзæн.
«Мах райдайдзыстæм абон ацы закъонопроекты дыккаг кастæй пленарон рабадтыл кæсын. Халæппæрст абон нæ ацæудзæн. Нæ закъонопроекты бавдисыны фæстæ байхъусдзыстæм адæмон хъахъъæнæгмæ, ацы аууæл æнæмæнгæй сыххæст уыдзæн, цæмæ мах байхъусæм адæмон барты хъахъхъæнæгмæ æмæ уый фæстæ бонты ацæудзæн халæппæрст», – райхъусын кодта Анри Оханашвили.
Парламентон оппозицийы уæнгтæм та нæй ныфс, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» Венецийы камисы æмæ адæмон барты хъахъхъæнæджы уынаффæтæ бадардзæн йæ зæрдыл.