Сæйраг сахары мэрийы æскъуыддзагæй, медицинон лæггады финансирдзинады уагмæ ивæндзинæдтæ бацыд
Сæйраг сахары мэрийы æскъуыддзагæй, медицинон лæггады финансирдзинады уагмæ ивæндзинæдтæ бацыд

Сæйраг сахары мэрийы æскъуыддзагæй, медицинон лæггады финансирдзинады уагмæ ивæндзинæдтæ бацыд

Тбилисы цæрджытæн хъауджыгонд уавæрты медицинон лæггады къуымæй ма хъуамæ уа – уый фæдыл мэр хицауады рабадтыл расидтис.

Каха Къаладзейы расидæнмæ гæсгæ, уаг, кæцы мэрия бакуыста, афтæ дæр цух кæны коррупцион схæмæтæ дæр.

«Мах бакуыстæм æмбæстæгтæн медицинон лæггад æмæ медикаментты аргъы финансирдзинады нысанæй, финансон æххуыссы лæвæрд уаг. Мæн фæнды куырдиатæй басидон Гела Чивиашвилимæ, саарза бæлвырдгæнджытæ, цы ивæндзинæдтæ среализ ис. Сæйраг у уый, æмæ ацы ивæндзинад æмбæстæгты æрдæм хъауджыгонд  уагæй нæхи бахиздзыстæм æмæ рацух кæндзыстæм корупцион рисктæ» -раисдтис Къаладзе.

Æнæниздзинад æмæ социалон куысты сæрдар Гела Чивиашвилийы расидæнмæ гæсгæ, мэри æмæ гамгеобаты бюджетæй уæнгæн уыд хицæнгонд финансирдзинад. Ныр та уыцы финансирдзинады уаг æрцæудзæн ивд. Гамгеоба сфинансир кæндзæн 1 000 ларийы онг, мин ларийæ фылдæр финансирдзинад та сыххæст кæндзæн мэрия.