Сæйраг прокуратурæйы Григол Лилуашвилийы æрфарст цæуы
Сæйраг прокуратурæйы Григол Лилуашвилийы æрфарст цæуы

Генералон прокуратурæйы Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты раздæры къухдариуæггæнæг Григол Лилуашвилийы æрфарст цæуы.

Журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй йын бæрæг нæу, цавæр хъуыддагмæ гæсгæ йæм æрсидтысты.

“Куы мæ фæсидтысты, уæд æз æрцыдтæн. Æз ницы зонын. Афтæ зыны, цыма уыдон цымыдис кæнынц цавæрдæр лыстæгдзинæдтæм конкретон хъуыддагмæ гæсгæ. Æз нæ зонын, цавæр хъуыддаг у, æз никуы лæууыдтæн æвдисæнлæвæрд. Ай у мæнæн фыццаг хатт”, – загъта Лилуашвили.

Уымæй дарддæр ма, журналистты фарстыл, æрфарстæй рацæуыны фæстæ аххосæгтæ аиуварс кæндзæн æви нæ, уæд Лилуашвили загъта: «Алцыппæт у Хуыцауы фæндон. Мæ бон нæу ницы аиуварс кæнын».

Информацийæн, 17-æм октябры басгæрстытæ Гъарибашвили Ираклий, Лилуашвили Григол, Пъарцхаладзе Отар æмæ семæ баст адæймæгты хæдзæртты сырæзт. Прокуратурæйы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, басгæрсты фæстиуæгæн æндæр æмæ æндæр электронон фæрæзтæ, документаци æмæ стыр суммæ æхцайы фæрæзтæ ист æрцыдысты. Уымæй дарддæр ма, паддзахадон æдасдзинады куыст афтæ дæр ранымадта хицæн адæймæгты нæмттæ, кæцыты хæдзæртты басгæрстой Ираклий Гарибашвили, Григол Лилуашвили æмæ Отар Парцхаладзейы хæдзæрттимæ иумæ.

Григол Лилуашвилиимæ хæстæг Къоба Хундадзе 22-æм октябры уæлдай стыр æнæзаконон æфтиагы легализацийы аххосагæй æрцахстой, 23-æм октябры та Григол Лилуашвилимæ хæстæг Андрия Лилуашвилийы ахст æрцыд.