Иуæй-иу инфекционистæн коронавирус кæй сбæлвырд ис уый тыххæй, Сачхерейы рынчындоны сæдæйы онг кусæг, клиникæйы сты изоляцийы – уый фæдыл Сачхерейы медицинон центры директор фехъусын кодта.
Михеил Камушадзейы информацийæ, протоколмæ гæсгæйæ, медперсоналы биологион æрмæг, Лугары лабораторимæ æрцыд æрвыст æмæ дзуаппытæ боны кæронмæ уыдзысты бæрæг. Уæдмæ та, æдасдзинад мадзæлтты тыххæй, медиктæ клиникæйæ нæ рацæудзысты.
Камушадзейы дзырдæй, зæгъгæ рабæрæг кодтой алы контакт. Афтæдæр лабораторимæ æрвыст сты инфекционисты бинонты уæнгты анализтæ.
Сачхерейы медицинон центры директордзуры,цæмæй зæгъгæ æнæэкипировкæйæ дохтыртæ пациенттæм нæ бацæуынц æмæ агурынц кæцæй бахæцыд инфекци.
Инфекционист, кæцыйыл коронавирус бахæцыд у Сачхерейы муниципалитеты мэры бинойнаг.
Ацы рæстæгмæ Сачхерейы «Ковид 19»-ы диагнозæй æртæ пациентæн хос кæнынц. Сæ æнæниздзинады уавæр стабилон.