«Сабырады комитеты» делегацийы уæнгтæ окупацион хахх бабæрæг кодтой
«Сабырады комитеты» делегацийы уæнгтæ окупацион хахх бабæрæг кодтой

«Сабырады комитеты» делегацийы уæнгтæ окупацион хахх бабæрæг кодтой

«Гуырдзийаг бæллицы» æрыгонты организацийы æрхуындæй, Тбилисы æрыгон социалистты æппæтдунеон иудзинад  (IUSY) «Сабырадон комитет»  (PTN) делегацийæн фысым кæны.

Конференцийы фæлгæтты иудзинады уæнгтæ окупацион хаххыл уыдысты. Уыдон бынатыл базонгæ сты уæвæг ситуациимæ æмæ уæлæмхасæн информацйи райстой бордеризацийы фæдыл.

Делегацийы сты æппæтдунеон иудзинады генералон нымæрдар, вице-президент, æндæр æмæ æндæр бæстæты бæрнонтæ, европарламентартæ æмæ æппæтдунеон иртастæгтæ. Визиты фæлгæтты уыдзæн арæзт конференцитæ æмæ дискуситæ, цæй фæстæ дæр уыдзæн куыстгонд иумæйаг фидиуæн.