Сабиты ирхæфсæн центртæ æмæ театртæ абонæй сæ куыст сног кæндзысты
Сабиты ирхæфсæн центртæ æмæ театртæ абонæй сæ куыст сног кæндзысты

Сабиты ирхæфсæн центртæ æмæ театртæ абонæй сæ куыст сног кæндзысты

Координацион советы æскъуыддзагæй, абонæй кусын райдайдзысты театртæ, афтæ дæр сабиты ирхæфсæн центртæ, кæцытæн, æнæниздзинады хъахъхъæды минситрады специалон протокол архайдзæн, –уый фæдыл куысты уавæрты инспекцийы департаменты сæрдар Бека Перадзе расидтис.

«Ныхас цæуы лимитыл, уагæвæрдтыл, кæцы æнæмæнг у вирусы апарахаты превенцйы цæстæнгасæй. Театрты маскъæйы дарын мадзалы рæстæджы æнæмæнг уыдзæн, афтæ дæр сабиты ирхæфсæн центрты – дезинфекци, уазджыты нымæц 40 фылдæр ма хъуамæ уа»,  – сиды Перадзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, бирæ объект æххæст кæны уыцы рекомендацитæ, кæцытæ снысан сты.