Тбилисы сабиты горæт «Мзиурийы» реабилитаци сырæздзæн.
Проект «Сноггонд Мзиури» Тбилисы мэр Каха Къаладзе регионалон размæцыды æмæ инфраструкутрайы министр Майя Цкитишвилиимæ иумæ бавдыста.
Проект 13-æм июны донивылды фæстиуæг зианбаййафæг, Чъабуа Америджипийы уынгы алыврс территори æмæ «Мзиурийы» сног-сарæзт, уæвæг инфраструктурайы реабилитаци дары йæ зæрдыл. Афтæ дæр плангонд у паркы территорийыл уæвæг аварион уавæры бæстыхæйтты реабилитаци æмæ уыдоны культурон рухсадон бæстыхæйттæй саразын.
Реабилитицайы фæлгæтты «Мзиурийы» уыдзæн амад адаптиргонд амал арæнгонд уæнгтæн специалон къахвæрæнтæ. Сног уыдзæн инфраструкутрæ æмæ комуникацион системæ.
Реабилитацион тыгъдад æнæхъæнæй 13 гектарыл ис.
Проекты реализаци 2019-æм азы райдайдзæн æмæ 2020 æм азы фæуыдзæн.