Украинæйы президенты уынаффæгæнæг – Гуырдзыстоны ахст уæнгты æхсæн уыд украинаг депутат Семен Семенченко дæр, уый нæ дипломативон скандалмæ бафтыдта
Украинæйы президенты уынаффæгæнæг Юрий Бирюковы хъусинагæй, Гуырдзыстоны ахст Украинæйы æмбæстæгты æхсæн, Уæллаг Радæйы депутат æмæ батальон «Донбасы» сæргълæууæг Семен Семенченко дæр уыд.
«Ис мын æндæр æмæ æндæр контакттæ. Уыдон бæлвырд кæнынц информаци, кæцымæ гæсгæ дæр Семенченко Тбилисы ис, цæмæй Семенченко нæ бафтыдта дипломативон скандалмæ, цæмæй Семенченко сæрмагонд адæмы фæуагъдта æмæ фæстаг моменты алыгъдис. Сом та Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад йæхимæ фæситдзæн нæ дипломатæм. Семенченко Тбилисмæ официалон документтæй, Украинæйы хицауады минæвары статусæй уыд» – фыссы Порошенкойы уынаффæгæнæг «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл.
Уæдмæ та украинаг журналист АНдрей Дзиндза фыста, ома зæгъгæ Семенченко ахстæй йæхи аиуырдæм кодта дипломативон папорты руаджы.
«Мæ ратæдзæн бæлвырд кæны, цæмæй Семенченко алыгъдис æмæ йæ адæмы фæуагъдта. Ацы ратæдзæн афтæдæр дзуры, цæмæй украинæгты уæд æрцхастой, уыдон гуырдзиаг спецкуыстыты фæнысангонд æхсæнгарзы балхæнын куы хъавыдысты» – фыссы украинаг журналист.
Ацы информацийы фæдыл дзуапп дæтты йæхæдæг депутыт Семенченко. Социалон хызагæй ахæлиугонд фидиуæны депутат нæ загъд кæны информацийыл, цæвиттон æй Тбилисы æрцахстой, фæлæ хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны ис æмæ украинæйы ахст æмбæстæгтæн æххуыс кæны сæ барты хъахъъхæды.
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, 2 декабры, дыууæ фысымуаты спецоперацийы фæстиуæгæн, Украиæйы æхсæз æмæ Гуырдзыстоны иу æмбæстагы æрцахстой.
МХМ-ы хъусинагæй, фысымуаты номырты джыигулы фæстиуæгæн систой Береттайы æмæ Макаровы системæйы æхсæнгарз, автоматон хиаразгæ æхсæнгарз æмæ æндæр хузыы хæцæн æрмæг.
Фактыл фæдагуырд райдыдта Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 236-æм статийы 3-аг æмæ 6-æм пунктытæй, кæцы къордгай æхсæнгарзы, хæцæн æрмæгы, рæмудзæн гарзæгты æнæзакъононæй балхæд-бавæрын дары йæ хъуыдыйы.