Руставы скъола «Рецайы» директоры информацийæ,  ахуыргæнинæгтæ  стихийы  зонæйæ  эвакуацигонд сты
Руставы скъола «Рецайы» директоры информацийæ, ахуыргæнинæгтæ стихийы зонæйæ эвакуацигонд сты

Руставы  скъола  «Рецайы»  директор  Вахо Абаишвилийы информацийæ, скъолайы  ахуыргæнинæгтæ  стихийы  зонæйæ эвакуацигонд сты  æмæ сæм ницы  тас æртъхъирæн кæны, –  уый фæдыл   Абаишвили   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, ацы рæстæгмæ  61  адæймагы здæхынц  Руставмæ.

«Тынг дзæбæх  фæкуыстой  ирвæзынгæнджытæ,  цырд нæ  ратæхын кодтой   æмæ  фæцæуæм Руставмæ.  Дыууæ  хайæ  уыдыстæм, иу хай  лагеры уыдис,   æмæ иннæ  хайимæ та  ацыдыстæм æнæбын цадмæ.  Уырдгæй фæстæмæ  хуымæтæг ыздæхтыстæм фæлæ  нын лагермæ  бацæуæн нал  уыд сыджыт-лæсæны тыххæй.  Хæдтулгæтæ  æмæ  уæлхæдзæрттæ  рацæйхаста,  лагеры  чи баззад,  уыдоны абон сæумæрайсом ратæхын кодтой.  Æдæппæт 61 адæймаг  стæм æмæ алчи стæм дзæбæх», – хъусын кæны   Вахо Абаишвили.