Руставы  12-æм  пенитенцион уагдоны цур, акцийы хайадисджыты  иу  хай  баззад
Руставы 12-æм пенитенцион уагдоны цур, акцийы хайадисджыты иу хай баззад

Руставы  12-æм  пенитенцион уагдоны цур, Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы фарсхæцджыты  акци  фæцис.

Организатортæ  территорийæ  нырид рацыдысты, фæлæ ахæстоны  алфæмбылæйтты  нырмиадæр лæууы  акцийы хайадисджыты хай.

Сæ дзырдæй  Михеил Саакашвилийы  медицинон уагдонмæ  аласыны æркуырдæй,   перманентон  протест  райдаынц  æмæ  уый тыххæй  абон æхсæв  сбон кæндзысты ахæстоны цур.  Сæ нымæцы  ис «Националон Змæлды» уæнг Коба Хабази дæр, кæцы ахæстоны цур  æхсæв  сбон кæныны фæдыл  абоны акцийыл райхъусын кодта æмæ   æндæртæм дæр æрсидтис цæмæй йæм баиу уой.