«Рустави 2»-ы  офисы цур уагъд цæуы протестон акци  [фото]
«Рустави 2»-ы офисы цур уагъд цæуы протестон акци [фото]

Телекомпани «Рустави 2»-ы офисы  цур,  акци  нырид дыууæ сахаты бæрц  цæуы.

Бынатыл æмбырд сты  æмбæстæгтæ кæцыты  ныхæстæм гæсгæ,  мæсты  сты  уыцы  фидиуæнтæй,   кæцы  знон алæвæрд  «Постскриптумы» эфиры  байхъуыстой.

Акцийы  хайадисджытæ   хъусын кæнынц, цæмæй  сæ сæйраг æркуырд у, «Рустави 2»-ы  къухдариуæгад сисæт бæрн телекомпанийы  акæнæг  Гиорги Габуниайы   монологы тыххæй.   Афтæдæр сæ ныхæстæм гæсгæ,  пост хъуамæ ныууадза  Къаналы  генералон директор  Ника Гварамиа.

Æрымбырдуæвджытæ  афтæдæр  ракой кодтой  «Рустави2»-ы  фидуиæн Гиорги Габуниайæн æххæстбартæ  2  мæйы æмгъуыдæй  фæурæды фæдыл. Сæ ныхæстæм гæсгæ,   ацы уынаффæ   нæрайсгæ у зæгъгæ æмæ Габуниа телекомпанийæ  хъуамæ раддæдуар кæной.

Акцийы  хайадисджыты  ныхæстæм гæсгæ, уыдон зæгъгæ уый фæстæ  апырхытæ уыдзысты,   се æркуыдтæ  кæронмæ куы  сыххæст уыдзысты уæд, æндæр цауы та перманентон акцитæ адарддæр кæндзысты.

Акцийы  хайадисджытæ дзуапп раттой Ника Гварамиайы  фидиуæнæн, цæмæй цæвиттон бынтыл æрымбырдуæвджытæ  гæнæн ис  «Рустави2»-ы  бæстыхаймæ балæбурой.  Сæ ныхæстæм гæсгæ,  бæстыхаймæ балæбурын нæ хъавынц  æмæ æрмæст сабыр  протесты  тыххæй  æрымбырд сты.

Бынатыл æрцыд  чысыл инцидент дæр. Акцийы  хайадисджыты  иу хай дзырдæй  фæбыцæу ис «Рустави 2»-ы исæг къордимæ.

Цъус рæстæг размæ,  фидиуæн сарызтой   акцийы  организатортæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, бынатыл  гæнæн ис  уой  провокатортæ, кæцытæ  сфæнд кæной  «Рустави 2»-ы  территоримæ  баирвæзын, фæлæ организатортæ   бынатыл уæвджытæм  æрсидтысты, сабырæй   равдисой  протест æмæ  акцийы организатортæ куы ахицæн кæндзысты  сабырæй  апырхытæ уын,  уæд сабырæй алчи ацæуæт  йæ хæдзармæ.  Æмбæстæгтæ «Рустави2»-мæ бацæуæн территори зæгъæн ис  æнæхъæнæй  бацахстой. Акцийыл    нæ  разынд иунæг политикъ дæр. Бынатыл мобилизацигонд сты  барадхъахъхъæнджытæ.