Тбилисы, Руставелийы проспектыл цæугæ акцитæ фесты. Ныр территорийы ныссыгъдæггæнæн куыстытæ цæуынц.
Парламенты алфæмбылай территориыл æнæхъæн æхсæвы дæргъы уыдысты антиоккуцпацион акцийы хайадисджытæ, кæцытæ МХЪ министры, Гиорги Гахариайы куысуагъды æркуырдæй, 20 бон у акцитæ уадзынц æмæ бизнесмен Леван Васадзе æмæ йæ фарсхæцджытæ, кæцытæ ЛГБТ уæнгты плангонд джелбетты марш простет кодтой. Дыууæ акцийы хайадисджыты æхсæнты лæууыд полицийы кордон. Æхсæвы дæргъы, парламенты цур цалдæр чысыл инцидент æрцыд.
Журналисттæн джелбетты маршы ныхмæлæуджыты акцийы иуæй-иу хайадисæг Димитри Лорткипанидзе куыд загъта афтæмæй, изæры уыдон гæнæн ис, ноджы рацæуой Руставелийы проспектмæ. Афтæма, традиционæй, акци саразын план кæнынц, МХЪ министры куыстуагъд кæй фæнды уыцы акцийы хайадисджытæ.
Парламенты алфæмбылай территори нырид ныууагъдтой барадхъахъхъæнджытæ дæр.