Руслан Стефанчук хъусын кæны, цæмæй  Украинайы Бæрзонддæр Радæ, украинаг нацийы ныхмæ Уæрæсейы архæйдтытæ  банымадта геноцидыл
Руслан Стефанчук хъусын кæны, цæмæй Украинайы Бæрзонддæр Радæ, украинаг нацийы ныхмæ Уæрæсейы архæйдтытæ банымадта геноцидыл

Украинайы  брзонддæр Радæ   украинаг нацийы  ныхмæ Уæрæсейы архæйдтытæ геноцидыл банымадта, – уый фæдл  Укрианайы   бæрзонддæр Радæйы   сæрдар Руслан Стефанчук  фыссы социалон хызаг Твиттеры.

Украинаг медийы  информацийæ,   æмбæлгæ  куырдиатæн  схъæлæс кодтой 363 адæмон депутаты.  Документы автортæ банысан кодтой, цæмæй   Уæрæсейы  хицауад æнæ иу  хатт райхъусын кодта, цæмæй  йæ æфсæддон агрессийы  иуæй-иу  сæйраг  нысан у Украинайы  а.х.  денацификаци, æрмæст «нацисттæй» Уæрæсейы хицауад  хоны  алкæй, чидæриддæр  украинаг æвзагыл ныхас кæны, йæхи нымайы украинагыл  æмæ тырны хæдбар Украинаг паддзахады  цæрынмæ.

Бæрзонддæр Радæ ацы  уагæвæрдæй    сидт æрвиты ИНО-мæ, европарламентмæ, Евросоветы  парламентон ассамблеймæ, OSCE-ы  парламентон ассамблеймæ, НАТО-ы парламентон ассамблеймæ, дунейы  бæстæты  хицауадтæм æмæ парламенттæм, банымайæт  украинаг  адæмы геноцид Уæрæсейы æххæстæй.

Уымæй  уæлдайма, украинаг медийы  хъусинагæй,   Бæрзонддæр Радæ  рахаста законопроект, кæцыйæ Уæрæсе банымадта террорист паддзахадæй  æмæ тобæ  сæвæрдтæ  символтыл  «V» æмæ «Z».