Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министр - Гуырдзыстон Евроцæдисы  скæсæн партнерты номхыгъды фыццаг бынат ахсы
Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министр - Гуырдзыстон Евроцæдисы скæсæн партнерты номхыгъды фыццаг бынат ахсы

Фæнды  нæ раттæм бæрæг  сигнал, цæмæй   Скæсæн партнертæм ис фидæны Евроцæдисы  уæнг суæвыны  перспективæ, –  уый фæдыл   Румынийы  фæсарæн хъуыддæгты министр, Теодор  Мелескану Люксембургы,  Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты  министериалы  размæ райхъусын кодта.

«Махæн,   Румынийæн, «Скæсæн партнерад»  иуæй-иу сæйрагдæр  приоритет у.   Райгонд стæм, цæмæй   абоны боны фæткмæ хаст у  фидæн  мæймæ плангонд   министрты  фембæлдтæм бацæттæйы  фарстатæ.  Адарддæр кæндзыстæм  финалон  документы райсты  идеяйæн фарсхæцын,  кæцы  схатдзæг кæндзæн  «Скæсæн   партнерады  уæвыны 10 азы  дæргъы  арызт куыст,  кæцыйы афтæдæр уыдзæн дзырд  уыцы нысаниуæгджын  ивдтытыл,  кæцытæ нæ партнерты территорийыл сæххæст  уыдзæн.  Документ афтæдæр  сиды  партнертæм  сæ тыхархайд адарддæр кæнынмæ», – банысан кодта Румынийы  фæсарæн  хъуыддæгты министр.

Афтæма йæ  ныхæстæм  гæсгæ, Гуырдзыстон иунæг бæстæ  у, кæцы  абон практиконæй  тынг хорз уавæры  ис.   Теодор  Мелескануйы  фидиуæнæй,  Гуырдзыстон зæгъгæ Евроцæдисы  скæсæн партнерты номхыгъды фыццаг бынат ахсы.

«Фæнды нæ раттæм  дырыс  сигнал, цæмæй  алы  партнермæ ис  фидæны Евроцæдисы уæнг суæвыны   перспективæ.  Ацы  рæстæджы нæ бон у  алы  ацы  бæстæйы  позитивон  ивдтытæн фарс рахæцын,  уымæн æмæ ацы  ивдтытæ  ацы бæстæтæн нæ фæлæ,  ма  сæ æмбæстæгтæн сты ист», –  райхъусын кодта Теодор Мелескану.

Люксембургы  цæугæ   Евроцæдисы   фæсарæн хъуыддæгты  министериалыл, «Скæсæн  Партнерады» программæйыл уынаффæ кæнынц.   Брюсселы дзурынц, цæмæй   зæгъгæ министртæ   бахыгъд кæндзысты   программæ куыд æххæст цæуы  уый,  кæцыйыл  10 азы æххæст кæны.