Рухсады министрад фыццаг къасæгтæн 55 050 компьютеры балхæды фæдыл тендер расидтис
Рухсады министрад фыццаг къасæгтæн 55 050 компьютеры балхæды фæдыл тендер расидтис

Рухсады министрад фыццаг къасæгтæн 55 050 компьютеры балхæды фæдыл тендер расидтис

Минитсрад компьютертæ програмæ «Мæ фыццаг компьютеры» фæлгæтты балхæндзæн. Сæ аргъ æнæхъæнæй 22 845 750 лари у, кæцы хицауады бюджетæй уыдзæн хицæнгонд.

Тендеры фæлгæтты, фидиуæнты райст 16-æм марты райдайдзæн æмæ 19-æм марты 12:00 сахатыл фæуыдзæн.

Рухсады министрад 2017-æм азы фыццаг къласæгтæн 53 700 компьтер балхæдта, кæцыйыл æнæхъæнæй бахардз 19 975 326 лари.

Мотивацион фыстæгмæ гæсгæ, ног æхцайы бæрц, базары иртасты фæстиуæг рахицæн ис æмæ иу компьтеры минимлон аргъ 460 лари у.