Рубен Рамирес Лескано – Гуырдзыстоны геополитикон равæрд, Парагвайæн дæтты фадат æнæкуылымпыйæ рахæсса продукци  бирæгъуызон базармæ
Рубен Рамирес Лескано – Гуырдзыстоны геополитикон равæрд, Парагвайæн дæтты фадат æнæкуылымпыйæ рахæсса продукци бирæгъуызон базармæ

Гуырдзыстон  нысаниуæгджын геополитикон бынатыл ис, уый у иугæнæг хид  Кавказ  æмæ Европæйы æхсæн.   Уый та Парагвайæн дæтты фадат, æнæкъуылымпыйæ  рахæсса сæрмагонд продукци  бирæгъуызон базарыл, кæцы  рæувадат у Гуырдзыстонæн, – уый фæдыл Парагвайы  фæсарæн хъуыдæгты министр   Рубен Рамирес Лескано  райхъусын кодта.

Парагвайы æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг   Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ фембæлды фæстæ дыууæ бæстæйы æхсæн  æмгуыстады фарстатыл фæныхас кодта.

Дипломат хъусдард раздæхта  дыууæ бæстæйы æхсæн базарады æмæ туризмы  сферæйы  æмгуыстадыл æмæ банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон диссаджы фысым кæны  æхсæнадæмон туристон мадзæлттæн.

«Мах ацы æрдгæй  æмгуыстадыл дæр æрдырдтам. Афтæма   æркастыстæм  туризмы æмæ ахуырады  сферæйы  æмгуыстады ауæрæхы  фæндæгтæ  æмæ сбæрæг кодтам  имæйаг интересты æндæр  сферæтæ», – банысан кодта  Рубен Рамирес Лескано.

Министры дзырдæй, фембæлдыл  афтæдæр æркастысты  æдасдзинады  расидтытæ æмæ дыууæ бæстæйы иумæйаг цæстæнгæстæ уымæ гæсгæ.

«Фæныхас кодтам цалдæр нысаниуæгджын темæйыл, уый нымæцы, Кавказы  регионы уæвæг   ситуацийыл æмæ дунейы  цæугæ   конфликттыл. Афтæма,  æркастыстæм иуæймагæй архайыны  фадæттæ», –  банысан кодта  Рубен Рамирес  Лескано.

Парагвайы фæсарæн хъуыддæгты министр афтæдæр  райхъусын кодта, цæмæй  стыр цинæй райста Гуырдзыстонмæ хуынд æмæ визит æввахс фидæны сыххæст уыдзæн.

«Æрдзырдтам, цæмæй  адарддæр кæндзыстæм кусын политикон  институциты фæлгæтты. фæнды мæ бузныг  зæгъын мæ хæлар   Илиайæн  куы нæм фæуазæг ис  æмæ  ноджы иу хатт  йын зæгъон, цæмæй фидæны дæр адарддæр кæндзыстæм  иумæ  кусын», – банысан кодта Рубен Рамирес Лескано.