Роуз Готемолер –ноджы бирæ ис саразинаг, фæлæ Натойы позици у карз æмæ ирд, Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг

Нато тынг æввахс æммахастыты ис Гуырдзыстонимæ, Гуырдзыстон нæ иуæй иу сæйраг партнер у – уый фæдыл Натойы генералон нымæрдары хæдивæг Роуз Готемоллер Тбилисы Паддзахадон Университеты лекцийыл расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, альянс стыр арфæ гонд у  контрибуцийæ, кæцы Гуырдзыстон хæссы Натойы операциты.

Экономикон размæцыд, ноджы эффектон æдасдзинад æмæ хихъахъхъæнады институтты амады цæстæнгасæй, афтæ дæр гæрзифтонг тыхты модернизаци, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады Натойы генералон нымæрдары хæдивæг расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, растдæр ацы фæндаг бакæндзæн Гуырдзыстоны Натомæ.

«Июлы саммитыл альянсы лидертæ расидтысты, цæмæй 2008 æм азы Бухаресты саммиты æскъуыддзагмæ гæсгæ, Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг æмæ мах адаргъ кæндзыстæм уæ бацæттæдзинады процесс. Гуырдызстоны нæ иумæйаг æдасдзинады фарстаты стыр хай хæссы. Гуырдзыстон иуæй иу алкæмæй  стыр контрибутор у Натойы операциты», – банысан кодта Готемоллер.