Росария Пуглис- НАТО-мæ интеграцийы фæдыл ныхасы рæстæджы нæ зæрдыл дарæм æнæхъæн Гуырдызстон Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны нымадæй
Росария Пуглис- НАТО-мæ интеграцийы фæдыл ныхасы рæстæджы нæ зæрдыл дарæм æнæхъæн Гуырдызстон Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны нымадæй
НАТО нæ кæсы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы фæдыл фæндзæм пункты фæурæдыл, – уый фæдыл журналисттæн НАТО-йы Гуырдызстоны офисы бæрнон Росария Пуглис Батумы расидтис.
«Гуырдызстон суверенон бæстæ у æмæ йын ис бар йæхæдæг равзара сæрмагонд æдасдзинад. Растдæр уыцы принциптыл у бындурæвæрд Хельсинкийы финалон акт. Документ, кæцыйыл сæ къух Уæрæсе дæр æрфыстой. Мах, НАТО-йы хъуыды кæнæм, цæмæй алы бæстæйæн ис бар аскъуыддзаг кæна, кæцы «клубы» уæнг уыдзæн æмæ кæцыйæ дара йæхи дард. НАТО æмæ Гуырдзыстон бирæ азтæ кусынц. Гуырдызыстоны æдасдзинады сбæлвырд æмæ гæрзифтонг тыхты цæттæдзинадæн мах тынг бирæ аразæм», -расидтис Пуглис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдызстоны æдасдзинадæн сæйраг расидæн у бæстæйы территорийыл уырыссаг æфсæдæтты уæвындзинад.
«НАТО-мæ интеграцийы фæдыл ныхасы рæстæджы нæ зæрдыл дарæм æнæхъæн Гуырдызстон Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны нымадæй. НАТО æххуыс кæны Гуырдзыстонæн суа ноджы тыхджындæр æмæ æнтыстджынæй адаргъ кæна стратеги æппæтдунеон аренайыл», – расидтис НАТО-йы бæрнон Батумы, кæцы исы хайад хихъахъхъæнад æмæ æдасдзинады 13-æм конференцийы.