Ирд у æцæгæй дæр уæззау æвзæрстытæм дарæм нæ цæст.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары хæсты æххæстгæнæг Рос Уилсон æнæхицауадон организациты бæрнонтимæ фембæлды фæстæ расидтис.
«Нæ мæ фæнды, бæстæйы уæвæг политикон быцæудзинады процессмæ арф баххæсон, фæлæ æцæгæй дæр уæззау æвзæрстытæм дарæм нæ цæст. Фæфылдæр ис поляризаци æхсæнады æхсæн æмæ паралеллонæй бирæ нысаниуæгджын фарста, кæцытæ хъуамæ аскъуыддзаг уой. Хъуыды кæнын æвзæрстыты фæстиуджытæ уыдзысты нысаниуæгджын ныв, кæцыйы æхсæнад сæрмагонд æвзарæнæй йæ ныхас зæгъдзæн», -расидтис АИШ-ы минæвар.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æхсæнад демокартийы иуæй-иу нысаниуæгджын хай у, кæцы Гуырдзыстоны тынг позитивон хай у, афтæ куыд æндæр бæстæтæн.