Роман Какулиа -  гæнæн ис банкътæм уа фадат ноджы иу-дыууæ мæйæ   кредитты æмгъуыд ахæцын,  фæлæ  нырма  уый  анализ саразын хъæуы
Роман Какулиа - гæнæн ис банкътæм уа фадат ноджы иу-дыууæ мæйæ кредитты æмгъуыд ахæцын, фæлæ нырма уый анализ саразын хъæуы

Нционалон Банкъ хъуамæ скæнæт  аргъ,  куыд бандæвдта  банкъты  портфелтæм  процентон  хайы  æфтиæгты  фæкаддæр æмæ  куыд ис гæнæн  сбарын цы  æххуыс  райстой  уыйимæ,  гæнæн ис  æмæ сæм уа  ноджы иу  дыууæ  мæйæ  кредитты  æмгъуыд ахæцыны  фадат –  уый фæдыл   парламентон фылдæрты  уæнг   Роман Какулиа   фехъусын кодта.

Кредиттыл  уæлбар периоды  ноджы æртæ мæййæ   адарддæр кæнын домы «Иууон Националон Змæлд».

Какулиа  Романы дзырдæй,   зæгъгæ  уыдонæн,  чидæриддæр  кусæнуатæй  фæцух  сты,  æртæ мæййæ  æмгъуыдæргъæвд  æгъгъæд нæу, фæлæ  зæрдыл бадарын хъæуы  уый дæр, цæмæй банкътæн  уый  бæрæг  æфтиæгтæй  цухдзинад  уыд, иннæ рдгæй та, се æрдæм æркуырд ис,  активонæй баиу уой  рæзынады æмæ  кредитлæвæрды  процесстæм.