Роман Гоциридзе хъусын кæны, цæмæй парламенты бацæуæнты пикеттæ æвæрн сног кæндзысты 4 февралæй
Фракци «Националон Змæлды» сæрдары Роман Гоциридзейы куырдиатæй, парламенты пикет кæнын 4 февралæй сног удызæн.
Журналисттæн Гоцииридзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллицц» цæттæ нæу, бæстæйы рæстаг æвзæрстытæ ауадзынмæ.
«Иунæг цы сæм хъары у тых. Уый тыххæй дæр ацы тыхæй спайда кæндзыстæм æмæ адæмы фæнд сын равдисдзыстæм. Паддзахадон уагдæтты пикет кæнын сног кæндзыстæм 4 февралæй та парламенты бацæуæнтæ. Ацы архайд уæдмæ дарддæр кæндзыстæм, цалынмæ «Гуырдзиаг Бæллицц» йæ дзырдлæвæрдтæ нæ сыххæст кæндзæн. Ац ыпротесты фоныл æвзæрстыты онг басæтдзысты. Уыдонæн ныр ис дыууæ альтернативæ – кæнæ уæлдай ауадзой кæнæ æвзæрстытæм састæй бацæуой» – райхъусын кодта Роман Гоциридзе.