«Ройтеры» хъусинагæй, Вильнюсы НАТО-йы  саммиты хъахъхъæндзæн  мингай   æфсæддон æмæ нырыккон   хæстон  техникæ
«Ройтеры» хъусинагæй, Вильнюсы НАТО-йы саммиты хъахъхъæндзæн мингай æфсæддон æмæ нырыккон хæстон техникæ

НАТО-ы  саммиты хъахъхъæндзæн мингай æфсæддон æмæ нырыккон  хæцæнгарз.  Агентад  «Ройтер»  куыд фыссы  афтæмæй,  11-12  июлы  Вильнюсы  плангонд Саммит хъаъхъæнынæн æфсæддæттæ,  хæстон авиаци  æмæ  нырыккон техникæ рахицæн кодтой   альянсы  16 уæнг паддзахад.

Сæ нымæцы  сты Германи, кæцы «Патриоты»   типы  12   зенитон-ракетон    комплекс  сæвæрдта.  Уыдон баллистикон  æмæ базырджын    ракетæтæй  иргъæвдзысты, афтæма  хæстон авиацийы   бырстытæй  иргъæф   сифтонг кæнзысты.

Кæлдæфон иргъæфы системæтæ  рауæлдай кодта Испани дæр, æрмæст Франц –  хæддзæугæ  гаубицæтæ. Æфсæддон   хæдтæхджытæ  Лиетувæмæ арвыстой   Финлянди æмæ Дани. Лиетувæйы   президент Гитанас Науседа  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  æнæмæнгхъæугæ  у  цæмæй альянс  Балтийгæрон бæстæты  срæвдз кæна  уæлдæфон  иргъæфы  иудадзыгархайæг систма.

Иннæ  къуыримæ плангонд НАТО-ы саммитыл уыдзæн  АИШ-ы  президент  Джо Байден, кæцы  Вильнюсы  университеты  дзырдæй ралæууын хъавы.   АИШ-ы  лидер  Еропæйы   уæвгæйæ   афтæма  визит план кæны  Стыр Британимæ  æмæ  Финляндимæ.