Робин Данниган – ис  дезинформаци  АИШ-Гуырдзыстоны ахастыты фæдыл
Робин Данниган – ис дезинформаци АИШ-Гуырдзыстоны ахастыты фæдыл

Дезинформаци хæлиу кæны  уый фæдыл, цы нысан кæны  суай  Евроцæдисы уæнг, цæвиттон уый йæ хъуыдыйы  дары уæ  идентондзинадыл нæйы зæгъын, кæцы бынтон гæдыдзинад у, – уый фæдыл Гурдзыстоны АИШ-ы минæвар Робин Данниган райхъусын кодта  Илиайы Паддзахадон Университеты , проект «Советон Мысæн»  бавдисыны мадзалылы дзырдæй ралæуды рæстæджы.

АИШ-ы минæвар куыд банысан кодта афтæмæй,  абон дезинформаци  Иугонд ШТатты æмæ Гуырдзыстоны  азастыты  фæдыл  дæр  хæлиу кæны, кæцы йæ дзырдæй, зæгхъгæ тынг зæрдæриссаг у.

«Хъыгагæн, абон ис  дезинформаци Иугонд Штатты æмæ  Гуырдзыстоны ахастыты фæдыл.  Ис дзы ахæмтæ  дæр,  чидæриддæр  бæлвырд кæнынц, ома мах стæм глобалон хæсты парти, кæнæ та архайæм   ацы  бæстæйы  революци сцырын кæнын, кæнæ нын   фыдфæндтæ ис.  Æцæгдæр зæрдæриссаг у  уыдæттæм хуъсын, уымæн æнæ нæ истори ацы бæстæй  32  азæй  фылдæр рæстæджы адæмы фидар бастдзинад  æвдисы. Йæ хъуыдыйы дари арф хæлардзинад америкæгты æмæ гуырдзиæгты æхсæн,  партнерад  медицинæйы æмæ ахуырады сферæты, хъæууон-хæдзароадон технологиты  фæхай кæнын,  кæрæдзийæн æххуыс  хъахъъхæнынады тыхты  стынг кæныны. 32 азы дæргъы  мах Гуырдызстонæн æххуысы æхсæз миллиард бахардз кодтам. Ацы  нымæц нын æцæгдæр нæ радзурдзæн  хабар.  Хабар нын цы радзурдзæн у уый,  цæмæй æцæгæй   азтæ у хицæн университеттимæ, æндæр æмæ æндæр  организацитимæ иумæ кусæм, цæмæй баххуыс уæм  уыцы  партнерады арæзтадæн, кæцы нын абон ис. Афтæмæй, зæрдæриссаг у уыцы наративы хуъсын, кæцы  архайы саразын  хъауджы сурæт,   цы зонæм раст куыд  у  уымæй хъауджыйæ. Афтæмæй мæ фæнды абон  фæлхатгæ зæгъын,  Иугонд Штатты иузæрдыгдзинад гуырдзиаг адæмимæ, гуырдзиаг адæмы тырнынадимæ,  суа  Евроцæдисы уæнг, стынг кæна  евроатлантикон траектори. Уый у  фидæн, кæцы  Гуырдзыстоны конституцийы ис. Уый у фидæн, кæцыйы тыххæй мах алчи  бирæ кусæм  дæсгай азты дæргъы æмæ кæцыйы фарсхæцын дæр АИШ дарддæр кæны, куыд нæ бон у  у афтæ», –  райхъусын кодта  Данниган.